Информация о группе

♥ ★ ♥ КУЛОВЫ - ВЕЛИКАЯ ФАМИЛИЯ ! ♥ ★ ♥ фото
  • VK ссылка:club545444
  • Тип сообщества: закрытое
  • Количество подписчиков: 112

♥ ★ ♥ КУЛОВЫ - ВЕЛИКАЯ ФАМИЛИЯ ! ♥ ★ ♥

Описание: ХЪУЛАТЫ МЫГГАГ



Куыртатты, Къадаты хъæу кæм æрынцад , уырдыгæй уæлæмæ , Хъæриуы хохы бынмæ хуыйны «Хъулаты ком». Сæрдæй – зымæгæй рæсугъд у. Кæцæй фæзынд Хъулаты мыккаг? Нæ кадджын хистæртæ куыд дзырдтой, афтæмæй раджы заманы Хæрисджыны цардис иу лæг – Дзандзубека, зæгъгæ. Цуаны фæстæ йæм бафысым кодта уазæг – йæ ном хуынди Цымыти. Райсомæй раджы сыстад æмæ Дзандзубекамæ дзуры: «Хорз лæг, дæ бæстæ мæ зæрдæмæ фæцыди, радт ма мын иу зæххы гæбаз, ныртæккæ Хидыхъус, Къадат æмæ Цымыти кæм сты, уым. Æрæджы дæр ма сæ хуыдтой « Æртæ Цымытийы». Ацы бынаты Цымыти цæрын байдыдта. Фæзынд ын бинонтæ. Фæзынд ын бинонтæ. Йæ лæппутæй иуы ном райгуырдис дыууадæс фырты: Хъулæ, Цæгæра, Гумецъ, Дзускуа, Таучел, Хуба, Бибола, Хетæг, Мамыкъ, Бызыхъо, Зæнт æмæ Чехо.


( Къадаты хъæу, « Хъулаты ком» )


Рæстæг цыди, сывæллæттæ рахъомыл сты æмæ сæ нæмттæй рауади мыггæгтæ: Хъулатæ, Цæгъæратæ, Гумецъатæ, Дзускуатæ, Таучелатæ, Хубатæ, Биболатæ, Хетæгкатæ, Мамыкъатæ, Бызыхъотæ, Зæнæтатæ æмæ Чехойтæ. Уыдон се’ппæт дæр уыдысты æрвадæлтæ (сæ фыды номæй). Уыцы номы ундæгтæй Къадаты равзæрд Хъулаты мыггаг дæр.
Ныртæккæ Къадаты хъæуы ничиуал цæры – байгом дзы кодтой æрзæткъахæн шахтæтæ. Радзæры цæрджытæн та радтой фатертæ Фыййагдоны поселочы. Фæлæ Хъулатæ кæмфæнды куы цæрой , уæддæр рох нæ кæнынц сæ мыггаджы райгуырæн хъæу. Ацы æрвадæлтæн уыдис сæхи кувæндæттæ. Сæйрагдæр дзуæрттæ уыдысты Дзирийы дзуар., Тхосты дзуар, Уастырджийы дзуар, Хъæриуы дзуар.


Рацыд бирæ рæстæг.Хъулаты мыггаг рæзыд, фылдæрæй – фылдæр кодта, равзæрдысты ног хорз æгъдæуттæ. Уыцы хорз æгъдæутты бындурыл хъомыл кодтой сæ фæсивæды. Хъулатæ уарзтой иймæйаг цард. Темырхъаны бинонтæ уыдысты 33 адæймаджы, цардысты, куыстой æмæ абырджыты ныхмæ тох кодтой иумæ. Стыр бинонтæн нал фаг кодта иу æрбадтæн хорз нард фыс.


Хъулатæ уыдысты сæрибар уарзаг адæм. Хъалон никæмæн фыстой. Кæд – иу сæм исчи æрбахаста гæххæт хъалон фидыны тыххæй, уæд – иу бафхæрдтой æмæ уый фæстæ цæуын нал уæндыдысты.

Иу хатт, дам, сæм фæзынд сауджын йæ хоры хаймæ. Уæд Хъæрдзыгъа йе’фсымæр Ганамæ дзуры: « Радт мы йын йæ хай» . Гана систа уисой æмæ йын дзы радта йæ хай – цалдæр цæфæй. Уæдæй фæстæмæ сæм никуыуал фæзынд сауджын дæр.


Кæнæ куыд ракуырдта ус Хъæрдзыгъа? Уыдыс, дам, Хæдæрцаты Мæхæмæтæн иу чызг, Залихан. Бирæ хорз лæппытæ йæ куырдтой. Æрæмбырд сты 50 барæджы сæ хорз бæхтыл. Хъæрдзыгъа дæр семæ, афтæмæй. Мæхæмæт рацыд сæ размæ æмæ сын афтæ: «Сымах бирæ стут, уе ‘ ппæт дæр рæсугъд стут, фæлæ мæнмæ иунæг чизг йедтæмæ нæй. Уæлæ айнæг уынут? Ацæут, æмæ мæ кæрты уымæн ратдзын&